Æппæт дунейы чырыстон диныл хæст адæм æнхъæлмæ кæсынц сæ сæйраг бæрæгбæттæй иу - Цыппурсмæ. Уыимæ, Ирыстоны цæрджытæ дæр. Хистæр кары адæм куыд зæгъынц, афтæмæй Цыппурсæй намад цæуы ирон бæрæгбæтты къæлиндары фæтк дæр. Цыппурсы кадæн бæрæгбæттæ ахæссынц 12 боны дæргъы. Дыууæ къуырийы адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтимæ, Хуыцауæй фæкурынц æнæниздзинад, дуне сабыр куыд уа, æмæ æндæр хорзæхтæ. Уæдæ ахсæв æппæт аргъуанты дæр ацæудзысты бæрæгбоны аргъуыдтытæ.