Школайы фæуджытæн валсимæ:
"БУЦ ДИДИНÆГ"
Уалдзæгон аргъауау рафтыдта буц.
Балæн йæ дидинæг диссаджы урс.
Дидинæг рафтыдта, калы тæмæн,
Аргъаумæ хоны мæ, хоны мæ, мæн.
Фын дæр куыннæ у 'мæ аргъау дæр нæу,
Иу цъус-ма афтæмæй уалдзæг фæлæу.
Цыма дæн дзæнæты æрвон зæдау,
'Рттивы мын ацы рухс, 'рттивы рæдау.
Цæссыг дыл ауыдтон – русыл æртагъд,
Ме 'мгар, зæгъмайæ, цæуыл дæ æнкъард?
Школайы фæуыдмæ баззади цъус,
Ивгъуыдмæ афардæг сабидуг рухс.
Цас уыди цин æмæ цæссыг дæр цас,
Иуæндæс рацыди диссаджы аз.
Мысинаг баззади хынджылæг, хъазт,
Къæбæда митæ 'мæ сусæгæй уарзт.
Хъуысы дзæнгæрагы фæстаг зæлланг,
Дунейы байгом и царды фæндаг.
Ивгъуыды баззади школайы дуг,
Разæй-та худы нæм фидæны хур.
Лæппутæ, чызджытæ, 'мгæрттæ зынаргъ,
Дидинтау рафтыдтой абон цыма.
Уалдзæгон зæрдæты бæллицтæ рухс,
Школайы фæуджытæ ныфсытæй буц.
Фын дæр куыннæ у 'мæ аргъау дæр нæу,
Иу цъус-ма афтæмæй уалдзæг фæлæу.
Цыма дæн дзæнæты æрвон зæдау,
'Рттив-ма мын ацы рухс, 'рттив-ма рæдау.
Присоединяйтесь к ОК, чтобы посмотреть больше фото, видео и найти новых друзей.
Нет комментариев