Фæлæ йæ гæнæнтæ, зæгъæн ис, сты æнæкæрон. Фæныкхуыз массæ æрмдæсныйы къухтæ фестын кæнынц рæсугъд фæлгонц пец, хæдзары фундамент, йæ ккъултæ, йæ разуынд… Ацы куысты дæсныдзинад кæмæ ис, уый у Елуаты Владимиры фырт Владислав, кæцы бетонæй рауайын кæны стыр аивад.
Владислав райгуырд æмæ схъомыл Хуымæллæджы. Ам каст фæцис астæуккаг скъола, йæ уæгъд рæстæг цыд хъæбысæй хæцынмæ стæй уæлдæр ахуырмæ бацыд Хæххон-металлургон институты факультетмæ. Диплом райста, фæлæ йæ дæсниад йæ зæрдæмæ нæ хъардта, бирæ алыхуызон куыстытæ акодта, мызд дæр-иу хорз райста, фæлæ сæ зæрдæ нæ радис. Æмбæрста, уыдæттæ уый кæй не сты. Фараст азы афтæ фæкуыста æмæ сæ ныууагъта. Иу аз æгуыстæй хæдзары фæбадт æмæ йæ миддунейы, интернеты йæхицæн агуырдта йæхи кæцы уыдаид, зæрдæйæ кæй кодтаид, ахæм дæсниад. Йæ мад Светланæ дæр ма йын-иу загъта, кæдмæ баддзынæ æнцад, бацу искæдæм. Владислав уарзта ныв кæнын æмæ йæхи уынын райдыдта рæсугъддзинад цы дæтты, ахæм куыстытæ кæныны, æрмæст кърандасæй нæ, фæлæ змис, æлыг, цемент, гипсæй… Абон газеткæсджытæн раргом кæндзыстæм мастеры миддуне — кæцыйæн бетон æрмæст змæст нæу, фæлæ «удæгас» æрмæг йе сфæлдыстадон куыстæн.
— Ацы курдиат дæм кæцæй æрцыд? – афарстон Владиславы.
— Нæ фыд Елуаты Володя уарзта ныв кæнын, ахуыр не скодта, фæлæ кърандæстæй хорз арæхст. Æз дæр ууыл сахуыр дæн. Скъолайы ахуыргæнгæйæ дæр-иу фæстаг партæйыл сбадтæн æмæ тетрады ныв кодтон. Ныр цы куыст кæнын, уый баст у сфæлдыстадимæ æмæ мын фæахъаз.
— Æрмæст змис æмæ цементæй кусыс?
— Хуымæтæг змæстæй (раствор), хæдзæрттæ амайгæйæ цæмæй пайда кæнынц, ахæмæй. Фæлæ, зæгъæм, пец (камин) амайгæйæ, æндæр куыстытæ кæнгæйæ, бафтауын æлыг, цемент фылдæр, хъæугæ буарыгъæдтæ, æмæ пластилины хуызæн свæййы.
Цалдæр боны фæстæ ныхъхъæбæр вæййы æмæ мыггагмæ лæудзæн.
— Цæмæй райдайыс дæ куыст?
— Цы мæ скæнын фæфæнды, уый мæ хъуыдыйы фæзыны, мæ бон у æмæ интернеты дæр исты равзарыныл афæлварон. Цыдæртæ ссарын, мæ зæрдæмæ сæ тынгдæр цы фæцæуы, уыдон равзарын.
Кусын куы рай-дайын, уæд æй мæхимæ гæсгæ скæнын æмæ хорз рауайы.
— Кæй скæныс, уыдон дын цытæ сты?
— Фыццаг райдыдтон фундамент саив кæнынæй. Уый æнцон кæнæн у, æмæ цæмæй сабыргай мæхи зындæр куыстытыл бафæлварон, ууыл дæр архайдтон. Мæ алы куыстыл дæр иу хаттæй иннæмæ ногæй цыдæртæ бафтауын. Уымæй мæхи сбæрæг кæнын, цас зындæр, рæсугъддæр, хуызджындæр куыст скæнын у мæ бон. Æмæ куы зæгъон, зæрдæмæдзæугæ дæр рауайы, уæд раст уыдзынæн. Адæмæй заказтæ дæр фæисын, мæхи зæрдæмæ тынгдæр цы цæуы, уыдон.
— Æппæтæй дын зынаргъдæр цы у дæ хæдзары кæй скодтай, уыцы куыстытæй?
— Раст зæгъгæйæ, нæ куыдз ма куы уыди, уæд æй уымæн скодтон – чысыл будкæ. Æддейы йын æй рæсугъд сфæлгонц кодтон, зымæгонын цæмæй уазал ма уа, уый тыххæй йын хъарм пъол сарæзтон, уарын æм мидæмæ ма бахъара, ууыл дæр бацархайдтон, электрон мынæг рухс дæр ын дзы ис. Иу ныхасæй, алы уавæртæ кæм ис, ахæм чысыл рæсугъд хæдзар йын дзы рауад æмæ мæм æппæтæй дзæбæхдæр кæсы.
Елуатæн сæ кæрт у аргъæутты бæстæйы хуызæн. Владиславы къухтæй конд дзаумæттæй алкæцыйæн дæр ис йæхи истори, иу къуу, нæ рагон фыдæлтæ цы кæрты дуæрттæ кодтой, ахæмы нывæй. Æнахуыр рæсугъд фидауы кæрты иу къуымы Владислав цы чысыл хæдзар скодта йæ цыппаркъахыг хæларæн, уый…
— Цы дын дæтты ныр ацы куыст?
— Зæрдæрухсдзинад, æхцондзинад, стæй дзы цæрынæн æхца бакусæн дæр ис. Ацы куыст ничима кæны æмæ ногæй исты скодтон, уæд алкæйы дæр ахæм фæхъæуы. Зæгъæм, æхсæрдзæн (водопад). Мæ куыстмæ зæрдæмæ тынг кæй цæуы, уымæ гæсгæ цы райдайын, уый кæронмæ фæкæнын зæрдæрайгæйæ. Бирæтæ мын фæзæгъынц, дæ нервытæ куыд фæразынц, уыцы лыстæг, лæмбынæг куыстытæ кæнынæн. Æз сын дзуапп раттын: «Адæймагæн йæ зæрдæмæ куы цæуа, уæд дзы нервытæ нæ хъæуы».
Ацы куыст ахæм у, æмæ дæ зæрдæмæ куыннæ цæуа, уæд дзы бирæ нæ бафæстиат уыдзынæ.
— Лæмбынæг уæвын дзы лыстæг куыст кæй у, уый тыххæй хъæуы?
— Мæнæ ныр мæсыг кæнын, уый бынтон лыстæг архайд нæу, кæд адæймагмæ афтæ кæсы, уæддæр. Фæлæ мæнæ æртæ нæртоны куы кодтон, уæд лыстæг куыст уыди. Зымæг бетонæй нæ вæййы кусæн æмæ уæд гипсæй фæкæнын нывæфтыдтæ, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, лыстæг æмæ лæмбынæгдæр архайд вæййынц. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, бетонæй кусын мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы.
— Дæ куыст дын исты пайда дææтты дæ хæдзарæн?
— Фыццаджыдæр мæ удæн, уый фæстæ мæ сæйраг куыст у. Адæм дæр мæ фæагурынц, цæмæй сын сæ хæдзары къултæ, сæ кæртытæ срæсугъд кæнон. Куыд сæ бафæнды, афтæ сын сæ скæнын, фæлæ аив цæмæй уой, уымæн мæхи сусæгдзинæдтæ дæр нæ бавгъау кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мызд дæр райсын.
— Конкурстæ куы вæййы æрмдæсныты æхсæн, искуы искæм архайдтай?
— Æз цы куыст кæнын, уый нырма ам кадавар у, ахæм мадзæлттæ нæма вæййы арæзт.
— Сахуыр ма мæ кæн, зæгъгæ, дæм ничи фæцæуы?
— Зæгъджытæ мын ис, куы фæфылдæр уаид сæ нымæц, уæд цы базыдтон, уый сын амонин, ахуыр сæ кæнин. Мæхи дæр фæнды, цæмæй фылдæр адæм зоной. Уымæн æмæ адæмы зæрдæмæ ацы куыст цæуы, бирæ заказтæ ис, нæ сыл æххæссын æмæ сæ фылдæрыл не сразы вæййын.
Владислав бетонæй царциаты диссæгтæ кæны, куы зæгъон, уæд нæ фæрæдий дзынæн. Нарты кадджытæ, нæ адæмон æрдхæрæны эпос, алкæмæн дæр йæ зæрдæмæ хæстæг сты. Кадджытæ царды алы афонимæ дæр æмдзу кæнынц. Владиславæн дæр йæ «Арт-бетон» куыстыты темæ баст у уыдонимæ.
Елуаты лæппуйы куыстæй тынг разы у йе 'мхъæуккаг Бититы Павлик дæр. Тынг хорз æмæ рæсугъд ын саив кодта йæ хæдзары фундамент, куы йæм кæсай, уæд цыма хохаг дуртæй конд у, афтæмæй дзы уыдонæн сæкой дæр нæй. Махæн, редакцийы уацхæсджытæн дæр, уыцы диссаджы æрмдæсныйы Павлик бацамыдта.
Владислав, дæхицæн дæ зæрдæмæ чи цæуы, удæнцойдзинад кæм арыс, адæмæн хъæугæ чи у, ахæм куыст кæныс æмæ дын дæхи фæндиаг уæд!
ХОСОНТЫ Земфирæ.
Къамтæ систа Олеся КРИВОВА.


Присоединяйтесь — мы покажем вам много интересного
Присоединяйтесь к ОК, чтобы подписаться на группу и комментировать публикации.
Нет комментариев