Левая колонка
«ДЗӔУДЖЫХЪӔУ»
Хур йӕ къухты фарнимæ,
Дӕу “Фатима” хъарм кӕны,
'Мæ йæ фарн Хуыцауимæ,
Хизы 'мæ дӕ хъахъӕны!
‘Ргом зæрдæ ‘мæ хуры хъæу,
Дидинджытау æрыгон,
Рафидауыс Дзӕуджыхъӕу,
Хуры тынтӕй уалдзыгон.
'Рттивынц ‘хсæв дæ цырæгътæ,
Дзындзынайы фӕрдыгау,
Бриллианттау зынӕргътӕ,
Хуызтæ ивынц радыгай.
Лидзы Терк йæ гуырæнтæй,
Заргæ-зарын зарджытæ,
Хъазы ам йæ уылæнтæй,
Горæттаг 'мæ уазджытæн.
Сисин армы тъӕпӕнӕй
Терчы донӕй аназин,
Буц мӕ рӕсугъд горӕтӕй,
Уарзонадыл азарин.
Заргæ-зарын уалдзæджы,
Зонгæ уынгты ауаин,
Уарзонадæй зарæджы,
Галуантӕ самаин…
Дзӕуджыхъӕу, мæ Дзӕуджыхъӕу,
Уарзонад 'мæ хуры хъæу,
Хъалæй дæр 'мæ фыны дæр,
Мысын арæх, мысын дæу…
Хур йӕ къухты фарнимæ,
Дӕу “Фатима” хъарм кӕны,
'Мæ йæ фарн Хуыцауимæ,
Хизы 'мæ дӕ хъахъӕны!
‘Ргом зæрдæ ‘мæ хуры хъæу,
Дидинджытау æрыгон,
Рафидауыс Дзӕуджыхъӕу,
Хуры тынтӕй уалдзыгон.
'Рттивынц ‘хсæв дæ цырæгътæ,
Дзындзынайы фӕрдыгау,
Бриллианттау зынӕргътӕ,
Хуызтæ ивынц радыгай.
Лидзы Терк йæ гуырæнтæй,
Заргæ-зарын зарджытæ,
Хъазы ам йæ уылæнтæй,
Горæттаг 'мæ уазджытæн.
Сисин армы тъӕпӕнӕй
Терчы донӕй аназин,
Буц мӕ рӕсугъд горӕтӕй,
Уарзонадыл азарин.
Заргæ-зарын уалдзæджы,
Зонгæ уынгты ауаин,
Уарзонадæй зарæджы,
Галуантӕ самаин…
Дзӕуджыхъӕу, мæ Дзӕуджыхъӕу,
Уарзонад 'мæ хуры хъæу,
Хъалæй дæр 'мæ фыны дæр,
Мысын арæх, мысын дæу…
"АЛЛОН ЧЫЗГ"
Хохы риуыл рабадт паддзахау цæргæс,
Барджын у йæ ракаст, дардыл у фæлгæст
'Мæ йæ цæстыл уайы æрвон зæды кафт,
'Фсæрм-уæзданæй аллон, мидбылхудгæ каст.
Сау цæстыты зæдау уарзондзинад цас,
Цардæй демæ, чызгай - бафсæд æмæ уарз. Цæстыхаутæ 'руагъта, даргъ дзыккутæ баст
Æрвон зæды астæу, гуырвидауц ас.
Урс цъитыджын сæртæ - Иры хæхты рæгъ,
Арфæ-ма мын ракæн, райгуырæн мæ зæхх. Фæсхохмæ фæцæуын, уырдæм у мæ фæнд -
Уым цæры мæ уарзон, диссаджы мæ зæд.
Къулыл а
Чехойты Валерий
Школайы фæуджытæн валсимæ:
"БУЦ ДИДИНÆГ"
Уалдзæгон аргъауау рафтыдта буц.
Балæн йæ дидинæг диссаджы урс.
Дидинæг рафтыдта, калы тæмæн,
Аргъаумæ хоны мæ, хоны мæ, мæн.
Фын дæр куыннæ у 'мæ аргъау дæр нæу,
Иу цъус-ма афтæмæй уалдзæг фæлæу.
Цыма дæн дзæнæты æрвон зæдау,
'Рттивы мын ацы рухс, 'рттивы рæдау.
Цæссыг дыл ауыдтон – русыл æртагъд,
Ме 'мгар, зæгъмайæ, цæуыл дæ æнкъард?
Школайы фæуыдмæ баззади цъус,
Ивгъуыдмæ афардæг сабидуг рухс.
Цас уыди цин æмæ цæссыг дæр цас,
Иуæндæс рацыди диссаджы аз.
Мысинаг баззади хынджылæг, хъазт,
Къæбæда митæ 'мæ сусæгæй уарзт.
Хъуысы дзæнгæрагы фæстаг зæлланг,
Дунейы байгом и царды фæндаг.
Ивгъуыды баззади школайы дуг,
Разæй-та худы нæм
На этом пока всё
Войдите в ОК, чтобы посмотреть всю ленту
Друзья370
- Оксана ЧехоеваСело Урсдон
- А ККраснодар
- Мария Чесноковаснт. СДТ Россия (Алексинский район)
21 подписчик
Подарки
Группы60
- Реклама Вся Алания564 подписчика
- Народная медицина. Журнал о здоровье1394436 подписчиков
- Я люблю Осетию!4532 подписчика
- dvbeslan272 подписчика
- აგარა და აგარელები59 подписчиков